Ossetian
ирон ӕвзаг
Main information
Family |
Indo-European |
Branch |
Indo-Iranian |
Group |
Iranian |
Native speakers |
530 000 |
Status |
National |
Region |
North Ossetia,South Ossetia |
Characteristic
Unfortunatly, we do not have information about this language yet.
Audio
Text
Адæм-иу хæхбæсты æрцæрынмæ куы хъавыдысты, уæд-иу равзæрстой донмæ хæстæг бынат. Дон адæймаджы хъуыдис æмæ хъæуы бирæ хъуыддæгтæн: нуазынæн, донхорыгæн, æхсынæн,кæсаг ахсынæн…
Уæлдай ахадындзинад уыд суарæн, суадонæн, хъæрмæдонæн. Куыд загътам, афтæмæй нуазыны дон хъуамæ хæстæг уыдаид хæдзармæ. Нуазыны дон та арæхдæр хастой суадонæй. Уымæ гæсгæ йæм æдзухдæр цæст дарын хъуыд. Хъуамæ йæ дардтаиккой сыгъдæгæй, фос æй ма чъизи кодтаиккой. Дон æвгæдтой къоппæй. Суадонæй-иу чи банызта, уый-иу йæ уæлдай фæстæмæ нæ калдта. Уый æнæгъдаудзинадыл нымад уыд. Дон нызтой нымæт худæй дæр къусгонд-иу дзы акодтой, афтæмæй. Суадонæй-иу хастой къуыстилтæ, гогонтæ æмæ хъæдын, фæстæдæр та цинк бедратæ. Уыгæрдæнты цы суадæттæ уыдис, уыдон алыварс задис хæтæлджын зайæгойтæ æмæ уым та-иу фæндаггæттæ уыдон æххуысæй нуæзтой дон. Суадоны гæрстæ не `хсадтой, уазал уыд. Стæй йæм, чъизи йæ чи кодта, ахæм фосы дæр нæ уагътой.
Бынтон æндæр уыдис æхсыны дон. Уый хъуамæ уыдаид хъарм, стæй дзы сапон кæнæ хъæды фæнык фынк кодтаид. Дзаумæттæ æхсынæн цъитийы дон нæ бæззыд, уазал, стæй дæрзæг уыд.
Дон хъуыдис найынмæ дæр. Æрмæст хохаг дон,иуæй уазал уыдис, иннæмæй та цыдис тагъд. УыАдæм мæ гæсгæ-иу равзæрстой,сабырдæр кæм цыд, ахæм ран.
Нæ фыдæлтæм дон уыди стыр бынаты æвæрд, сарæзтой йыл бирæ рæсугъд зарджытæ,таурæгътæ, аргъæуттæ.
If you have any questions, write us:
l.languagetree@gmail.com